21.02.2023
Мадæлон æвзаг...Саби фыццаг зарæг цы æвзагыл фехъусы, йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. Хуымæтæджы нæ хонынц адæм се взаг «мадæлон». Мадæлон æвзаг мады ад кæны. Йæ ном дæр йе уæлæ ис æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы, фæлæ йæ ныййарæг мадау уарзын æмæ хъахъхъæнын хъæуы.
Мах дæр нæ баццæттæгæнæн къорды сабитимæ баццæта кодтам проект «Æппæт дунеон æвзæгты бæрæгбонма». Бамбарын кодтам алы нацийæн дæр кæй ис йæхи æгъдау. Йæ тых, йæ астæумагъз у йæ взаг. Æвзаг кæй у нацийы фидиуæг, нацийы Дунетимæ кæрæдзиуыл бæттыны фæрæх. Æнæ æвзаг иу адæмыхаттæн дæр уæвæн кæй нæй. Национ æвзагимæ рæзы нацийы ном, йæ культурæ, йæ кад. Æмæ кæддæриддæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм Чеджемты Æхсары ныхæстæ: «Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты - мæ ирон мадæлон æвзаг».
Просмотров всего: , сегодня: